МХМ - 18-19 ноябры ТГУ-йы сæрмагонд штаб нæ уыд, университеты кæртмæ криминалон полицийы кусджытæ бацыдысты, протесты хайадисджыты æрдыгæй цалдæр зынгсирвæзты фæстæ
МХМ - 18-19 ноябры ТГУ-йы сæрмагонд штаб нæ уыд, университеты кæртмæ криминалон полицийы кусджытæ бацыдысты, протесты хайадисджыты æрдыгæй цалдæр зынгсирвæзты фæстæ

Æхсæнадæн фехъусын кæныны тыххæй нæ фæнды дзуапп раттын медийы ахæлиугонд информацийæн, цæмæй ацы азы 18-19 ноябры, Меликишвилийы проспектыл акцийы рæстæджы мидхъуыддæгты министрадæн Тбилисы паддзахадон университеты уыд сæрмагонд штаб, æмæ сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусджытæ уыдысты университеты бæстыхайы, – уый фæдыл мидхъуыдтæгты министрады банысангонд у Министрады расидæны.

МХМ-ы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, нæдæр бæстыхайы, нæдæр ТГУ-йы кæрты уæвæг штаб нæ уыд æмæ криминалон полицийы кусджытæ университеты кæртмæ бацыдысты уый фæстæ, протестгæнджытæ цалдæр зынгсирвæзты куы скуыста.

«Фæнды нæ банысан кæнæм, цæмæй 18-19 ноябры Тбилисы паддзахадон университеты нæдæр бæстыхайæн, нæдæр кæртæн ницы штаб уыд, афтæ дæр сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусджытæ мобилизацигонд нæ уыдысты.

Æмбарын кæнæм, цæмæй мидхъуыдтæгты криминалон полицийы кусджытæ Тбилисы паддзахадон университеты кæртмæ уый фæстæ бацыдысты, протесты хайадисджытæ кæрты централон бахизæны цур цалдæр зынгсирвæзты куы райдыдтой.

Банысанкæнинаг у, цæмæй Тбилисы паддзахадон университеты кæрт æмæ пантеон æхгæд фæзуæттæ не сты æмæ уырдæм бацæуæн ис алкæмæн дæр, уыцы нымæцы акцийы хайадисджытæн дæр, кæцытæ акциты рæстæджы университеты кæртæй сæрибарæй пайда кæнынц», – ис фыст уагдоны расидæны .