МХМ-  17 майы  мадзæлттыл полици  срæвдз кæндзæн æхсæнадæмон æдасдзинад æмæ уагæгъдау хъахъхъæд, афтæдæр  дзырды æмæ хъуыдыйы сæрибардзинад
МХМ- 17 майы мадзæлттыл полици срæвдз кæндзæн æхсæнадæмон æдасдзинад æмæ уагæгъдау хъахъхъæд, афтæдæр дзырды æмæ хъуыдыйы сæрибардзинад

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты министрад 17 маймæ плангонд  мадзæлтты тыххæй,   фидиуæн хæлиу кæны.

МХМ-ы  фидиуæны куыд дзырдæуы,  афтæмæй,    адæймаджы барты  хъахъхъæд  мидхъуыддæгты министрады иуæй-иу  сæйраг приоритет  у.

«Министрад  хъахъхъæны  хъуыды æмæ дзырды  сæрибæрттæ, адæймаджы политикъон æмæ  æндæр  цæстæнгасы,   æрды,  дины,  сексуалон ориентацийы, гендерон  идентондзинады æмæ æндæр  нысанмæ æнæкæсгæйæ.

Цы информаци нæм ис,  уымæ гæсгæ,  2019  азы,  17 майы, Тбилисы, æндæр æм æндæр ран,  сырæздзæн мадзæлттæ.

Полици срæвдз кæндзæн  куыд æхсæнадон æдасдзинады æмæ  уагæгъдау хъахъхъæд,  афтæ  алкæцы  адæймаджы   дзырды æмæ хъуыдыйы  сæрибардзинад,  кæцы  нæ ахиздзæн   закъонæй бæрæг  фæлгæттæй.

Министрад  курæг  у  мадзæлтты организатортæй æмæ хайадисджытæй,  бахъахъхъæнæт закъон.  Æндæр цауы та, полици  архайдзæн   сæрмагонд мандаты  фæлгæтты.  Барадсасты  цы фæнды  факт,  уайтагъд цæхгæр кæрон скæндзæн», – баынсагонд у  фидиуæны.