МХ министр хъусын кæны, цæмæй мопедты тæрджытæн бахъæудзæнис тæрыны бары æвдисæндар сисын
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури хъусын кæны, цæмæй иууыл тагъд мопедты ауадздзысты регистрацийы æмæ мопедыл чи змæлы уыдоны дæр бахъæудзæнис траспортон фæрæз тæрæгы æвдисæндар сисын.
Вахтанг Гомелаури куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ, зæгъгæ ауцы этапыл нæу сæ бон мопедты контрол кæнын видео-камерæтæй æмæ арæх сты фæндагон-транспортон цаутæ.
Мæлынады статистикæйы тыххæй, мидхъуыддæгты министр дзуры, цæмæй бæрæггæнæнтæ, катастрофонæй нæ фæфылдæр сты.
«Мопедтыл змæлгæйæ мæлынады цаутæ къаддæр сты. Мотоциклтыл кæцытæн А категорийы барлæвæрд хъæуы, фæндагон-транспортон цаутæ арæхдæр вæййы. Куыд хъуыды кæнын, афæтæмæй законопроект дыууæ кастæй хаст уыдис парламенты æмæ йæ тагъд регистрацийы ауадздзыстæм», – фехуъсын кодта Гомелаури.