Мэтью Миллер – мæтæйдзаг стæм  Гуырдзыстоны хицауады архæйдтытæй, кæцы   Гуырдзыстоны Европæимæ фылдæр интеграцийæ адард æппары, мах лæууæм гуырдзиаг адæмимæ
Мэтью Миллер – мæтæйдзаг стæм Гуырдзыстоны хицауады архæйдтытæй, кæцы Гуырдзыстоны Европæимæ фылдæр интеграцийæ адард æппары, мах лæууæм гуырдзиаг адæмимæ

Тыхст стæм Гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй арæзт къахдзæфтæй, кæцытæ Гуырдзыстоны Европæимæ фылдæр интеграцийæ дард æппарынц.

«Зонут æй, цæмæй санкцитæ ацы стендæй нæ хъусын кæнæм. Куыддæр нæм исты зæгъинаг ис санкциты фæдыл, афтæ йæ фæзæгъæм. Сымах ныридæгæн федтат, Гуырдзыстоны хицауады бæрнонты ныхмæ санкцитæ кæй сæвæрдтам. Кæсут, куыд æвæрæм визæйы арæнæвæрдтæ, æмæ фенут æндæр архайдтытæ, уыцы нымæцы 95 милуан доллары хицауады æрæхгæд. «Мах бæлвырдæй загътам, цæмæй тыхст стæм Гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй арæзт къахдзæфтæй, кæцытæ Гуырдзыстоны дард æппарынц Европæимæ фылдæр интеграцийæ, кæцыйæн зонæм, цæмæй гуырдзиаг адæм йæ фарсыл хæцынц», – райхъусын кодта Миллер.

Журналист Алекс Рауфоглу Миллермæ радта фарст – «АИШ Гуырдзыстонимæ йæ стратегион партнердзинад æрурæдта æмæ санкцитæ нæ сфидар кодта, кæй фарс лæууы Америкæйы Иугонд Штаттæ», кæцыйæн Миллер загъта: – «Мах стæм гуырдзиаг адæмы фарсхæцæг”.