Мэтью Миллер – Абон аразæм къахдзæфтæ, цæмæй  сфидар кæнæм визон арæнæвæрдтæ, Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстагæн,  фыццаг пакетмæ хауынц «Картули Оцнебайы» уæнгтæ, парламенты  уæнгтæ, барадхъахъхъæнжытæ æмæ хицæн гоймæгтæ
Мэтью Миллер – Абон аразæм къахдзæфтæ, цæмæй сфидар кæнæм визон арæнæвæрдтæ, Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстагæн, фыццаг пакетмæ хауынц «Картули Оцнебайы» уæнгтæ, парламенты уæнгтæ, барадхъахъхъæнжытæ æмæ хицæн гоймæгтæ

Абон мах аразæм къахдзæфтæ, цæмæй  сфидар кæнæм визон арæнæвæрдтæ  Гуырдзыстоны сæдæгай  æмбæстагæн, уый фæдыл  АИШ-ы паддзахаон департаменты  спикер, Мэтью Миллер  абоны  брифингыл райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ фыццаг пакеты фæлгæттæм хауынц  «Картули Оцнебайы» уæнгтæ, парламенты  уæнгтæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ хицæн гоймæгтæ.

«АИШ  тынг мæтгæнæг у, «Картули Оцнебайы»  антидемократон   архæйдтытæй, афтæм сæ фæстаг фидиуæнтæй æмæ риторикæйæ.  Ацы архæйдтытæ  æвзæрын кæнынц  азар Гуырдзыстоны Европаг фидæнæн, йæ ныхмæ сты Гуырдзыстоны   Кнституцийæн æмæ гуырдзиаг адæмы фæндонæн. Паддзахадон нымæрдар амæйразмæ райхъусын кодта  Гуырдзыстонимæ  дыуæфарсон ахастытæ лæмбынæг  æркæсыны фæдыл. Ацы  процессы фæлгæтты, паддзахадон департамент  имплементаци скодта ног визн политик, кæцыйæн йæ  нысан у  уæлдæр  цы архæйдтыты кой кодтам уыдон кæрон скæнын. Абон ацы политикæйы фæлгæтты  аразæм къахдзæфтæ, цæмæй  сфидар кæнæм визон арæнæвæрдтæ  Гуырдзыстоны  дæсгай æмбæстагæн.  Сæ нымæцы уыцы  индивидты ныхмæ, чидæриддæр бæрнон  кæнæ  æмхайадисæг у, кæнæ та у  сæ  бинонты уæнг, бæрнон кæнæ æмхайадисæг Гуырдзыстоны  демократийæн йæ бын ракъахыны. Сæ нымæцы бæрнон у æмбырды  сæрибардзинадæн йæ бын ракъахыны,  сабырадон демонстрантты ныхмæ  тыхмигæнæгон  бырстытыл, æмбæстагон дзыллæйы  тасы бафтауыны, дезинформацийы  барæй  ахæлиу кæныны. Визон тобæты ацы  фыццаг пакт  æххæссы  «Картули Оцнебайы» уæнгтæм,  парламенты уæнгтæм, барадхъахъхæнджытæм æмæ  хицæн уæнгтæм. Нæхимæ ныфс уадзæм, цæмæй Гуырдзысны лидертæ æркæсдзысты  сæ архæйдтытæ æмæ сараздзысты къахдзæфтæ, цæмæй размæ рахæцой  бæстæйы   рагон демократон   æмæ евроатлантикон тырнынад. Фæлæ  кæд афтæ нæ уыдзæн,  уæд АИШ цæттæ  у, ауадза  уæлæмхас мадзæлттæ» –   райъхусын кодта  Метью Миллер.

Фарстыл, цас  дæсой  уæнгы ныхмæ сты  фæнысанонд  санкцитæ, Метью Миллер  сдзуапп  кодта, цæмæй  «цалдæр дæсой».