Митрополит Герасим, Уæрæсейы аргъуаны минæвæрттæм, оккупацигонд Цхинвалы аргъуаны Цыппурсы бæрæгбоныл ауадзгæ скуывды фæдыл фыстæг æрвиты
Гуырдзыстоны Патриархийы æддæ ахастыты хайады сæрдар Зугдид æмæ Цаишы митрополит Герасим, Мæскуыйы патриархийы æддагон аргъуанон цæдисты хайады сæрдармæ, Волоколамскы митрополит Илларионмæ æмæ Владикавказы æмæ Аланийы сæйраг епископмæ, Леонидмæ фыстæгæй сиды.
Фыстæджы мидæг митрополит куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ, Цыппурсы бæрæгбоныл Цхинвалы Æппæтысыгъдæг Самебайы номыл аргъуаны ацыд скуывд Уæрæсейы аргъуаны Владикавказы æмæ Аланийы епархийы аргъуанархайæг, сауджын Кокойты Серги. Митрополит хъусын кæны, цæмæй нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны Рæстдинон аргъуанæй барлæвæрд нæ райсгæйæ, æндæр рæстдинон аргъуаны минæвар уæнгтæ ауадзой цыфæнды религион службæ.
«Уæрæсейы Рæстдинон аргъуан, афтæ куыд æндæр бынæттон рæстдинон аргъуантæ, кæддæриддæр нымадмæ истой æмæ исынц Гуырдзыстоны аргъуан куыд Абхазы афтæ Цхинвалы регионы.
Аргъуанон закъонтæм гæсгæйæ, нæрайсгæ у, Гуырдзыстоны Рæстдинон аргъуанæй барлæвæрд нæрайсгæйæ æмæ махимæ нæбадзургæйæ, æндæр Рæстдинон аргъуаны минæвæрттæ ауадзой цыфæнды религион службæ æмæ уый æнгæс барты сæрты ахызт серьозон знаггад хæссынц ахастытæн нæ аргъуанты æхсæн.
Ныфс нæ ис, равзардзыстут уæлдæрбанысангонд фарста, райсдзыстут карз мадзæлттæ уыцы аргъуанархайæг уæнгты ныхмæ, кæцытæ ацы æнæканоникон архайд ракодтой æмæ ахæм факттæ нал сфæлхатт уыдзысты», – фыссы Зугдид æмæ Цаишы митрополит Герасим (Шарашенидзе).