Министры фыццаг визит Гуырдзыстонмæ хахх кæны уыцы нысаниуæгдзинад æмæ рол, кæцы Китай дæтты нæ бæстæйæн
Министры фыццаг визит Гуырдзыстонмæ хахх кæны уыцы нысаниуæгдзинад æмæ рол, кæцы Китай дæтты нæ бæстæйæн
Китайы æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг официалон визит Гуырдзыстонмæ ноджы иу хатт хахх кæны уыцы стыр нысаниуæгдзинад æмæ рол, кæцы Китай дæтты нæ бæстæйимæ æмкуыстдзинадæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Давид Залкъалиани расидтис, кæцы æттаг хъуыдтæгты министрады китайаг коллегæ Ван Исыл фембæлд.
Залкъалиани расидтис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Китайы æмахастытæ динамиконæй цæуынц уагъд.
«Китайы æттаг хъуыдтæгты министры визит фадат дæтты, историон схонæм, уымæн æмæ хæдбар Гуырдзыстоны историйы уый у Китайы æттаг хъуыдтæгты министры фыццаг визит Гуырдзыстонмæ. Нæ æмахастытæ иттæг хорз даргъ кæнынц, кæцыйы æвидæс дæр у бæрзонд рангы дыууæфарсон визиттæ, куыд Гуырдзыстонæй, афтæ дæр Китайæ. Хъуыды кæнын уæ визиты нысаниуæгдзинады хай уыдзæн æмæ размæ вæрд къахдзæф», -расидтис Давид Залкъаниани.