Министрты кандидатты байхъуыст парламенты
Министрты кандидатты байхъуыст парламенты

Комитетон форматы министрты кандидаттæм байхъуыст абон дæр адаргъ уыдзæн

Боны фыццаг хайы плангонд у цыппар иумæйаг рабадт, кæцыйы мидхъуыдтæгты министры кандидат Вахтанг Гомелаури, хихъахъхъæнады министры кандидат Ираклий Гъарибашвили, юстицийы – Тея Цъулукиани æмæ бафидауын æмæ гражданон æмбарады фарстаты паддзахадон министры кандидат Кетеван Цихелашвилимæ байхъусдзысты.

Боны дыккаг хайы фондз комитеты рабадт сырæздзæн, кæцыйыл – экономикайы, инфраструкутрæ, хъæууон хæдзарадон æмæ æрдз хъахъхъæды министры кандидат æмæ финансты министры кандидат Леван Мачъаварианиæ байхъусдзысты.

6-7 æм сентябры премьер-министры æмæ министрты кандидатты фембæлд у плангод парламентон политикон тыхтимæ, 8-æм сентябры та пленарон рабадт у плангонд.

Ацы рæстæгмæ комитетон форматы байхъуыстой министрты æртæ кандидатмæ – Михаил Батиашвили, Экатерина Тикарадзе æмæ Давид Залкъалианимæ.