Милитаризацийы глобалон индексы Гуырдзыстон, дуней 154 бæстæйы æхсæн, 49-æм бынат ахсы. Æмбæлгæ иртасæны, Бонны архайæг конверсийы æхсæнадæмон центр (BICC) æрвылазонæй публикаци кæны.
Фæнысанкæнинаг у, цæмæй раззаг 2018 азы иртасæны, Гуырдзыстон 52-аг бынатыл уыд.
Милитаризацийы глобалон индексмæ гæсгæйæ, фыццаг бынатыл фæстæмæ Израиль лæууы. Бæстæйы кæцыйы цæрджытæ 9 милуаны бæрц сты, йе æфсæддон тыхты 169 æфсæддон ис, уыйимæ иумæ 465 мин резервист. Æфсæддон хардзтæ Израилы æмтгæйыон мид продукты 4,5% æххæссынц.
Номхыгъды Израилы фæстæ сты Сингапур æмæ Сомихыстон. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй Сомихыстон Европæйы сеппæтæй милитаризацигонд бæстæты æхсæн фыццаг у. Фыццаг фондзы æхсæн афтæдæр сты Къипр æмæ Хуссар Корея.
Рейтингы 6-æм бынат ахсы Уæрæсе, стæй Греци, Иордани, Белорус æмæ Азербайджан. Фыццаг дæсоймæ бацæуæг алы бæстæ, Азербайджанæй цух, ивгъуыд азы фæстæ сæрмагонд позициты сты фидар. Азербайджан 12-æй 10-æм позицимæ схызст.
Хыгъдлæвæрды автортæ уæрæх фыссынц Уæрæсейыл, куыд дунейы иуæй-иу сегасæй егъау æфсæддон потенциалы хицау бæстæйыл. Документы банысангонд у, цæмæй фæстаг азты, Уæрæсе æфсæддон техникæйы модернизаци скодта æмæ хæдиргъæф технологион фадæттæ фæхуыздæр кодта. Фæлæ иртасæнмæ гæсгæйæ, 2016-2018 азты, Уæрæсейы æфсæддон хардзтæ 82,6 миллиард долларæй 64,2 миллиард долллары онг фæъкаддæр сты. Иртасæны автортæ æнхъæл сты, цæмæй уый аххос зæгъгæ у Уæрæсейы сырæзт уæззау экономикон уавæр æмæ ныгуылæн сын цы санкцитæ сфидар кодта, уыдон.
Документы афтæдæр хаххгонд у, цæмæй фæстаг периоды Европæйы НАТО-йы бæстæтæ сæрмагондæй та Балтийы æмæ Скæсæн Европæйы паддзахадтæ, дæргъвæтин æфсæддон проекттæ райдыдтой æмæ æфсæддон хардзтæ райрæзын кодтой, кæцыйы иртасæны автортæ сбастой Уæрæсеимæ ныттынгонд ахастытимæ æмæ Украинайы цæугæ конфликтимæ.
Иу афæдзы дæргъы, Латвийы æмæ Лиетувæйы æфсæддон хардзтæ æмтгæйон мид продукты (ÆМП)-ы 1,7%-æй 2%-ы онг фæфылдæр кодтой. Афтæмæй, Лиетувæ рейтингы 32-æм бынатæй 26-æм бынатмæ ахызт, Латвий та – 73-æй 44-æм позицимæ.
2019 азы 21%-æй фæфылдæр ис æмæ 4,4 миллиард доллармæ баххæссыд Украинайы æфсæддон бюджет. Европæйы милитаризацийы автортæ, хайгай НАТО-ыл Дональд Трампы хъомысдардимæ сбастой, кæцы альянсы уæнгтæй æфсæддон хардзты фæфылдæр кæнын домы.
Рейтингы АИШ-æ 31-æм бынат ахсы, 94-æм позицийыл ис Китай, Турк та 19-æм бынатыл ис.