Михеил Сарджвеладзе – паддзахад сæрмагондæй фидын алы онкологион пациент сабийы хос кæныны хардзтæ фæсарæны æмæ Гуырдзыстоны дæр, æнæхъæугæ паникæ ма парахат кæнæм
Паддзахад сæрмагондæй фидын алы онкологион пациент сабийы хос кæныны хардзтæ фæсарæны æмæ Гуырдзыстоны дæр, æнæхъæугæ паникæ ма парахат кæнæм.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæниздзинады хъахъхъæды министр расидтис.
Сарджвеладзе рахъæлæба ис апарахатгонд информацийы фæдыл, цæвиттонæй гомдзинады фæдыл закон рнкологион диагнозы сабиты хос кæнын, фæсарæны къуылымпыдзинад раситдзæн.
«Курын уæ, фылдæр бæрн бавдисæм, уæд кæд æмæ хъуыддаг хауы адæймагы цардмæ, æнæниздзинадмæ, уæззау низтимæ тохмæ æмæ а.д. Æнæхъæугæ паникæ ма парахат кæнæм, уымæн æмæ паддзахад сæрмагондæй фидын алы онкологион пациент сабийы хос кæныны хардзтæ фæсарæны æмæ Гуырдзыстоны дæр» -банысан кодта министр.
Рымысын уын кæндзыстæм, онкологион диагнозимæ сабитæ фæсарæны хос кæныны програмæ 2023-æм азы августæй сархайдта. Программæ йæ зæрдыл дары диагностикæ æмæ хос кæныны процессы курс. Снысангонд программæйæ, хицауады информацимæ гæсгæ, 89 саби спайда кодта.