Михеил Сарджвеладзе – адæмон барты хъахъхъæнæгы сывзарынæн, сегасдæр хуыздæры моделы фæдыл бадзырдтæ цæуынц
Михеил Сарджвеладзе – адæмон барты хъахъхъæнæгы сывзарынæн, сегасдæр хуыздæры моделы фæдыл бадзырдтæ цæуынц

Парламенты адæймадлжы барты  хъахъхъæды  комитеты  сæрдар, Михеил Сарджвеладзейы   фидиуæнæй,   адæмон барты  хъахъхъæнæгы сывзарынæн  сегасдæр хуыздæр  моделы фæдыл  цæуынц  бадзырдтæ.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ, фарстайы фæдыл  политикон   консультацитæ  фæстиуæгджын хъуамæ уа.

Сарджвеладзе  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналæн   куыд  загъта афтæмæй,   ныр  сæйраг у , «Гуырдзиаг Бæллицц»  къаддæр æнцой кæна оппозицийы   намысджындзинадыл.

«Фæстиуæгыл  ориентацигонд хъуамæ  уæм, уæлдай дæр   уый  Еврокомиссийы  12 рекомендаци куы  домы.   Уый  æддæмæ дæр, бæстæйæн  ахсджиаг у  рæстмæ куса  адæмон хъахъхъæнæджы институт æмæ йын уа  æхсæз азæй  æвзæрст адæмон   хъахъхъæнæг», – райхъусын кодта  уый.

Сарджвеладзе нæ бæлвырд кæны æмæ нæдæр цух кæны уый, цæмæй  Гуырдзиаг Бæллиццæн уа  сæрмагонд кандидат.