Михеил Саакашвилийы фарсхæцæн акци Украинæйы генералон прокуратурæйы цур фæцис
Партий «Ног тыхты змæлды» лидер Михеил Саакашвилийы фарсхæцæн акци фæцис Украинæйы генералон прокуратурæйы цур.
Украинаг медийы хъусинагæй, акцийы хайадисджытæ Саакашвилийы ссæрибар кæнын æркуырдтой. Активисттæ генералон прокуррор Юрий Луценкойы схуыдтой «Иуда»-йæ æмæ йæ куыстæй хи суæгъд кæнын æрдомттой.
«Ног Тыхты змæлды» иуæй-иу лидер Давит Сахъварелидзе фарсхæцджытæм æрсидтис сом, 11 декабры, тæрхоны процесмæ бацæуой æмæ Михаил Саакашвилийæн рахæцой йæ фарс.
«Нæхимæ уадзæм радикалон, конкретон архæйдтыты бар, кæд æмæ Саакашвилийы ссæрибар кæныны фæдыл адæмы æркуырд нæ бамбардзысты уæд»- расидтис Сахъварелидзе.