Михеил Саакашвилиимæ фембæлдмæ журналистты нæ бауагътой [видео]

Ромы  фысымуат  «Палаццо Найядойы» цур,   кæцыйы   Гуырдзыстоны раздæры президент  Михеил Саакашвилийы  æмæ  йæ  фарсхæцджыты  фембæлд цæуы. Саакашвилиимæ фембæлд срухс кæныны фадат нæ раттой  журналисттæн, фембæлдмæ бауагътой  æрмæстдæр операторты.

Фембæлды  организатор Гиорги СИгуа медийы  минæвæрттæн  дзырдта, цæмæй  зæгъгæ  акккредитацигонд журналистты фембæлдмæ бауадздзысты, фæлæ ацы  фидиуæнæй  цалдæр минутмæ  Сигуа журналисттæн  райхъусын кодта, цæмæй  сæм фембæлд срухс кæныны фадат лæвæрд не рцæудзæн.

Фембæлдмæ нæ бауагътой  гуырдзиаг мигрантты  хайы  дæр. Уыдон Ромы  республикæйы  фæзы  цурмæ бацыдысты.   Эмигрантты хай  Фыццаг Къаналæн куыд  фехъусын кодтой  афтæмæй,  уыдон регистрацигонд дæр уыдысты,  фæлæ сæ ныхæстæм гæсгæ,   уый тыххæй   сæ нал бауагъдтой  фембæлдмæ, цæмæй  зæгъгæ  сæм Саакашвилийы  хицауиуæгы периодмæ  гæсгæ  хъауджыдæргонд хъуыды  уыдис  æмæ йæ  ма сфиксир кодтаиккой.

Афтæма  фембæлды размæ,   фысымуаты цур   чысыл быцæудзинад дæр сырæзт.  Бынатыл мобилизацигонд  уыд Италийы   полици. Эмигранттæ  куыд дзурынц  афтæмæй,   полицимæ  зæгъгæ фæсидтысты  фембæлды организатортæ.

Фембæлды,  эмигранттæй  дарддæр хайад исынц,   Гуырдзыстонæй ныцæугæ  Михаил Саакашвилийы  фарсхæцджытæ.