Михеил Саакашвили – саразын хъæуы техникон хицауад, кæцы адæмы фæнд æвдисæг æвзæрстытæ Евроцæдисы контролы бын ауадздзæн
Хъуамæ сырæзæт техникон хицауад, кæцы гуырдзиаг адæмы фæнд æвдисæг æвзæрстытæ ауадздзæн Евроцæдисы контролы бын, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили социалон хызаджы фыссы.
«Сидын мæ алы æмтохгæнæгмæ æмæ «Националон Змæлды» фарсхæцæгмæ, афтæдæр алы патриотмæ, ма ныллæуут абоны акцийы фæстæ. Алчи чидæриддæр нæм сиды банхъæлмæ кæсæм исты лæвармæ, искæй тыхыбын бакæнынмæ, практиконæй радон хатт нæ куры сайды фæуын.
Нæ европаг фидæны амонд нæ къухы ис. Европæ нын ратта æмгъуыд афæдзы кæронмæ. Уый тыххæй, цæмæй æрцæуа деолигархизаци, олигархмæ хицауады хуызæй, сæйраг инструмент йын хъуамæ байсæм. Саразын хъæуы техникон хицауад, кæцы гуырдзиаг адæмы фæнд æвдисæг æвзæрстытæ ауадздзæн Евроцæдисы контролы бын», – фыссы Михеил Саакашвили.