Ромы фысымуат «Палаццо Найядойы» цур, кæцыйы Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы æмæ йæ фарсхæцджыты фембæлд цæуы. Саакшвилийы фарсхæцджыты раз дзырдæй ралæууыд.
Фембæлдмæ нæ бауагътой гуырдзиаг эмигрантты хай. УЦыдон фысымуаты цур акци уадзынц. Эмигранттæ дзурынц зæгъгæ, цæмæй регистрацийы сæхи ауагъдтой, фæлæ Гуырдзыстоны раздæры президентимæ фембæлдмæ сæ нал бауагъдтой. Æфсонæн акцийы хайадисджытæ æрхастой уый æмæ сæм зæгъгæ Саакашвилийы хицауиуæгы периодмæ гæсгæ, хъауджыдæргонд хъуыдытæ ис.
Саакашвилиимæ фембæлд срухс кæныны фадат нæ раттой журналисттæн, фембæлдмæ бауагътой æрмæстдæр операторты. Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг Гиорги СИгуа журналисттæн загъта цæмæй сын, Ромы Саакашвилиимæ фнмбæлдмæ бацæуыны фадат ратдзысты, фæлæ сæ фæстæдæр бæстыхаймæ нал бауагътой.