Михеил Саакашвили – Нæ бон у бирæ хуыздæр цæрæм, алы æмбæстаг уа бонджын æмæ уыцы фæстиуæгмæ æрцæуын иумæ бафæраздзыстæм, æз фæстæмæ æздæхын

12:02, 27.08.2020

Ацы  авд азы  дæргъы  иу бон дæр нæ уыдис ахæм, цæмæй  Гуырдзыстоны  хабæрттæй  ма  бацымидис кодтаин,  æз  фæстæмæ æздæхын, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы   реформæты  советы  æххæстгæнæг  комитеты  сæрдар, Михеил Саакашвили  социалон хызагы ныффыста.

Саакашвили   æхсæнадæй  хатыр куры йæ рæдыдтыты тыххæй  æмæ банысан кодта,  цæмæй  ныр,   азты фæстæ,  зоны,  куы у  йæ бон хуыздæр  лæггад кæнын Гуырдзыстонæн.

Афтæма, уый  бузынг  дзуры  Украинайæн  æнæуæлдайныхасæй  йæ  кæй  райстой,  уый тыххæй.

«Украина мæ  дыккаг хæдзар у. Иу  афон  ардæм æрцыдтæн  мæ сæйраг хæдзарæй,  мæ  уарзон  Гуырдзыстонæй.   Украина  мæ студентон  бонтæй   кæддæриддæр тынг уарзтон,  сегасдæр вазыгджын рæстæджы мæ растдæр Украина райста цахæм дæн, ахæмæй,  цыфæнды уæлдай ныхæстæй æмæ домæнтæй  цух, æмæ æз  тынг  аргъ кæнын  уымæн.  Тынг зæрдæрухс дæн  афтæдæр  амондæй, цæмæй  мын уыд фадат фæстаг авд  азы дæргъы  рахатыдаин ай æппæт æмæ  уый  æгъгъæд рæстæг  у  дзæбæх  ахъуыды кæнынæн æмæ  бирæ фарстæн  бынтон æндæр аргъ скæнынæн. Ныр азты фæстæ зонын,  хуыздæр куыд лæггад кæнон  мæ  бæстæйæн,   куыд   аиуварс кæнæм нæхи рæдыдтытæй…. æмæ   рæдыдтытæ, кæй   зæгъын æй хъæуы,   уыдис, æмæ уыдис  тынг  уæззау  рæддтытæ дæр, фæлæ Хуыцау мын зоны, цæмæй  мæ æрмæст  сегасæй  хуыздæр саразын  фæндыд мæ  адæмы фарнæн.   Фæндыд мæ,  цæмæй  мæ адæм  хуыздæр цардаит, бирæ  бонджындæр  æмæ уæддæр, ацы  азты  фæстæ,  мæ уыцы рæдыдтыты  тыххæй,  æмæ уый тыххæй,  цæмæй   цы саразын кæронмæ нæ бахъом дæн, фæнды мæ алкæмæй  æргомæй   хатыр ракурын.

Ацы рæстæджы æз тынг райгонд дæн гуырдзиаг адæмæй, кæцы мын ратта фадат  гуырдзиаг паддзахад  арызтады  историон процессы   хайæ суыдаин. Ацы  авд азы  дæргъы  иу бон дæр нæ уыдис ахæм, цæмæй  Гуырдзыстоны  хабæрттæй  ма  бацымидис кодтаин, æмæ  бæлвырдæй  зонын, цæмæй   президенты постыл мæ куыст  дзæгъæлы нæ уыдис æмæ мах цы сарызтам,  уырдгæй бирæ  цыдæр  абон  дæр  ис æмæ  кусы, фæлæ  ацы  рæстæджы,  Гуырдзыстоны  хабæртты  тыххæй  куы базонын, уæд бæлвырдæй  зонын,  цæмæй  нæ бон у  бирæ  хуыздæр  цæрæм, алы  æмбæстагæн  у йæ бон уа  бонджын  æмæ  нын уыцы  фæстиуæгмæ æрцæуын иумæ бафæраздзыстæм! Æз фæстæмæ  æздæхын!»- хъусын кæны Михеил Саакашвили.

 

 

Хуыздæр