Михеил Саакашвили -  мачи фенхъæлæт, цæмæй сдзæбæх дæн, уымæн æмæ  айбæрц фыссын, абон  дыууæ зæрдæхъарм  мын уыд
Михеил Саакашвили - мачи фенхъæлæт, цæмæй сдзæбæх дæн, уымæн æмæ айбæрц фыссын, абон дыууæ зæрдæхъарм мын уыд

Мачи фенхъæлæт цæмæй  сдзæбæх дæн,  айбæрц кæй фыссын уый тыххæй, абон  мын  дыууæ хатт уыдис  зæрдæхъарм, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны раздæры президент  Михеил Саакашвили фыссы социалон хызаджы.

«Гъарибашвили   Мюнхены райхъусын кодта,  Европаг дохтырты дам бауадздзыстæм  æмæ ацы хуъыддаг нырид 10   фæстиат кæны, фæлæ  цалынмæ удæгас дæн,  тох кæндзынæн.  Бирæ   цыдæр  æрцыд ам.  Францы   президент  алыгъуызон дипломатийæ цух, Британийы  премьеримæ  иумæйаг брифингыл   æркуырдта  ме ссæрибар кæнын æнæуæлдайныхасæй.  Уый у  бынтон прецедент, цæмæн нæй  ахæм  демарш.  Раззаг бон  Францы сæйраг  газет «Le figaro» публикаци скодта   мæ  интервью.   Дунейы   номдзыд  хъуыдыгæнæг   Бернар  Леви  сеппæтæй  сæйраг америкаг    журнал «TIME»-ы публикаци скодта   стати  мæн тыххæй.

Абон мын фехъусын кодтой, цæмæй мæм лæвæрд уыд иуæй-иу престижон Европаг перми. Фæнды мæ  зæгъын    уыцы  æрмыдзаг политиктæн, чидæриддæр  нырма  йæхи уромы  мæ кой кæнын,  ма  баут уырыссаг-оцнебистон   бирæазон политикæйы  уацайрæгтæ.

Мæн æрмæст фæнды   баххуыс уын кæнон, цалынмæ ам дæн, æндæр  куыддæр Киевмæ æрыздæхдзынæн,  æнæхъæнæй  мæхи ратдзынæн   Зеленскийæн  æххуысы  хъуыддагмæ æмæ гæнæн  ис, ацы æрдæм ракæсыны рæсæтджы ресурс дæр мæм  ма уа.

Тых Иудзинады ис æмæ активондзинады.  Ныр паузæты  рæстæг æцæгдæр нал ис.  Æнусы кад   нæ фæсивæдæн, æнусы кад   алы  хъæбатыр патриотæн. Slava Ukrainе», – фыссы Михеил Саакашвили.