Михеил Саакашвили хъусын кæны, цæмæй Гига  Бокъериайæ хъауджыйæ рæстдинон чырыстон у,  дары  дзуар йæ хъуырыл æмæ сарызта 600  аргъуан
Михеил Саакашвили хъусын кæны, цæмæй Гига Бокъериайæ хъауджыйæ рæстдинон чырыстон у, дары дзуар йæ хъуырыл æмæ сарызта 600 аргъуан

Бокериа æмæ Бокериайы хуызæн адæймæгтæ  алцыппæт  сарызтой  уый тыххæй,  цæмæй дæрдды ахæцыдаиккой  традицион, гуырдзиаг,  чырыстойнон  хæзнатæй, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  раздæры  президент, Михеил Саакашвили  телекомпани  «Мтаварийы»  эфиры  райхъусын кодта.

Саакшвили куыд дзуры,  афтæмæй, зæгъгæ Гига Бокериаимæ йын фундаментон хъауджыдæрдзинæдтæ  ис.

«Дæнцæн, æз мæ цæстæнгасæй æмæ динæй  дæн  рæстдинон чырыстон.  Кæй фæнды цы фæнды  зæгъæт, фæлæ  йæ  мæ дзуар хæссын»,-  банысан кодта  Саакашвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,    алцыппæт цыдæриддæр Гига Бокъериа  аразы, у гуырдзиаг  традициты  ныхмæ æмæ  античырыстойнон.

«Кæддриддæр, ацы  азты  дæргъы  афтæ  архайдта. Сæрмагондæй  циникъон  ахастæй   гуырдзиаг  традициты,  гуырдзиаг  хæзнаты  æрдæм, кæцы мæнæн   сегасæй  зынаргъдæр   у æмæ  кæцы гуырдзиаг адæмæн у æрвылбойнон цардуагы… нæ    хицауады  рæстæджы уый  нымæцы  фыццаджы дæр,   цæй  зæгъын æй хъæуы,   сегасæй  стыр  æнамонддзинад цы у уый… алцыппæт, цыдæриддæр Гига  Бокъериа  аразы, алцыппæт,  цыдæриддæр у  гуырдзиаг  традициты  ныхмæ  æмæ   античырыстойнон.  Мæ  хъуыды  ахæм у.

600  аргъуан  сарызтон   мæ инициативæйæ,  уый  нымæцы  Баграт.  Хъуыддаг æрмæст аргъуаны мидæг нæй,   аргъуан у  иуæй-иу элемент», – райхъусын кодта  Саакашвили.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,   европаг   Гуырдзыстоны ис  бирæ   дзæбæх  æмæ нормалон адæймаг кæцытимæ  «Националон Змæлд» президентон æвзæрстыты  рæстæджы  хорз æмкуыст кодта, «фæлæ хуыздæр   уыдаит Бакрадзе  æппын  ма  раразмæ кодтаит сæрмагонд кандидатурæ  æмæ Вашадзе  ныр  президент уыдаит».

Саакашвили  хъусын кæны, цæмæй  адарддæр кæндзæн   уыдонимæ æмкуысткæнын.