Михеил Саакашвили - Гуырдзыстонмæ куы ныццуон, уæд гуырдзиаг адæм растдзæн хицауады ныхмæ, фæлæ мын ерын бынтон æндæр нысан ис
Дæлдæр ныххауæд, чидæриддæр фæзæгъы цæмæй мын Владимир Путинимæ исты бастдзинад ис иууылдæр – ахæм фидиуæн сарызта Одессæйы раздæры губернатор Михеил Саакашвили, æрыгон амалиуæгдартимæ æмæ активисттимæ фембæлды Киевы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы президентимæ уый никуы бадзурдзæн зæгъгæ.
«Гуырдзыстонæн абон хицауиуæг кæны Газпромы ставд акционер, уырыссаг олигарх Бидзина Иванишвили æмæ уый фактонæй Путин сбæлвырд кодта æндæрæбоны проесс-конференцийыл. Путинимæ никуы бафидаудзынæн. Зонын цæмæй сæрибардзинадæн тох кæнын æмæ уымæй дæн сæрыстыр. Гуырдзыстонмæ куы ныццуон, уæд гуырдзиаг адæм растдзæн хицауады ныхмæ, фæлæ мын ерын бынтон æндæр нысан ис, æмæ мæ нысан у Украинæйы раивон уавæр» – расидтис Михеил Саакашвили.