Михеил Саакашвили - адвокаттимæ æмахастыты фадат мын нæй, фембæлды уаты, авгы сис æнæхъæнæй самадтой, сыхгæдтой, ахæм Гуырдызстоны нырма никуы æрцыд, Европайы уæлдайдæр
Михеил Саакашвили – адвокаттимæ æмахастыты фадат мын нæй, фембæлды уаты, авгы сис æнæхъæнæй самадтой, сыхгæдтой, ахæм Гуырдызстоны нырма никуы æрцыд, Европайы уæлдайдæр
Адвокаттимæ æмахастыты фадат мын нæй, фембæлды уаты, авгы сис æнæхъæнæй самадтой, сыхгæдтой, ахæм Гуырдызстоны нырма никуы æрцыд, Европайы уæлдайдæр, – уый фæдыл Гуырдзыстоны экс-президент Михаил Саакашвили фейсбук фарсыл фыссы.
«Абон, сæумæрайсомæй адвокаттимæ æмахастыты фадат уыд æхгæд. фембæлды уаты, авгы сис æнæхъæнæй самадтой, сыхгæдтой, ахæм Гуырдзыстоны нырма никуы æрцыд, Европайы уæлдайдæр.
Тæрхондон æмæ прокуратурæ кæй нæй уый зыдтам, ныр та нын адвокатты дæр байстой.
Æз ныр дæр гуырдзийаг ахæстоны нæ, фæлæ уырыссагы, персонал дæр уырыссæгтау дарынц сæхи. Абон фембæлдтæн украинаг омбудсменыл, стыр бузныг ын сидын, уый дæр банысан кодта, цæмæй Гуырдызстоны нæ фæлæ, Уæрæсейы хаты йæхи», – фыссы Саакашвили.