Михеил Хидурели – «Алибабайы» æппæтдунеон платформæйыл фæзындзæн гуырдзиаг павильон
Агентад «Make in Georgia» директор, Михаил Хидурели, «Алибабайы» сæйраг офисы, Китайы горæт Ханчжоуы, фембæлд сарæзта.
«Make in Georgia»-йы пресс-куыстуаты информацийæ, фембæлды рæстæджы фарсытæ æруынаффæ кодтой гуырдзиаг павильоны сæвæрыныл Alibaba.com-ы æхсæнадæмон платформæйыл, кæцыйæн ис 300 милуанæй фылдæр пайдагæнæг.
«Тынг цымыдисон æмæ пайдаджын фембæлд нын уыд «Алибаба»-йы дунеон ахастыты къухдариуæггæнæгимæ. Фæнды нæ, куыд гæнæн ис афтæ тагъд рæстæджы Гуырдзыстон баиу уа дунейы сеппæтæй стырдæр B2B платформæмæ националон павильонимæ. Уый гуырдзиаг амалхъом адæймæгтæн уникалон фадат ратдзæн сæ бизнес нысаниуæгджынæй райтынг кæнын æмæ продукци экспорт кæнын», -расидтис Хидурели Михеил.
«Алибаба» арæзт æрцыд 1999 азы æмæ у дунейы раззагдæр технологион компанитæй иу, кæцыйы сконды ныртæккæ ис æхсæз бизнес-къорды.