Михеил Хъавелашвили, Гиоргий Модебадзейы Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæгæй снысан кодта
Михеил Хъавелашвили, Гиоргий Модебадзейы Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæгæй снысан кодта

Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили, Гиоргий Модебадзейы Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæгæй снысан кодта. Уый тыххæй фехъусын кодта президенты администрацийы пресс-службæ.

«Гиоргий Модебадзейæн тæрхондоны системæйы куысты бирæазон фæлтæрддзинад ис, уый афтæ дæр ахста Гуырдзыстоны ахуырады, зонады æмæ фæсивæды министры фыццаг хæдивæджы пост.

Гуырдзыстоны конституцийы 60-æм статьямæ гæсгæ, конституцион тæрхондон у 9 тæрхонгæнæгæй, кæцытæ снысан сты 10 азы æмгъуыдмæ, кæцытæй æртæ тæрхонгæнæджы снысан кæны Гуырдзыстоны президент, æртæ тæрхонгæнæджы æвзары парламент æппæт уæнгты æппынкъаддæр æртæ фæндзæм хайы фылдæры хайæ, æртæ тæрхонгæнæджы та сæйраг тæрхондон снысан кæны.

Информацийæн, Гуырдзыстоны Конституцион тæрхондоны тæрхонгæнæг Имерлишвили Иринæйы бартæ, кæцыты Гуырдзыстоны президент 2016-æм азы снысан кодта, 2025-æм азы 20 октябрæй йæхи куырдиатмæ гæсгæ, конституцион тæрхондоны сæрдары бардзырдæй рагагъоммæ фæурæдта» – ис фыст президенты администрацийы информацийы.