Михеил Хъавелашвили – дунейы æнæнхъæлæджы уавæр хынцгæйæ, нысаниуæгджын у нæ бæстæйы националон интерестæ æххæстæй хъахъхъæнын
Дунейы æнæпрогнозгæнæн уавæры хынцгæйæ, кæд æмæ алы архайæг фыццаджы дæр йæхи стратегион интерестæй разамынд дæтты, нысаниуæгджын у нæ бæстæйы националон интерестæ æххæстæй хъахъхъæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили, парламенты раз хыгъдлæвæрды бавдисгæйæ расидтис.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстоны прагматикон æмæ бирæвекторон æттаг политикæйы мидис у сабырад æмæ хæдбардзинады хъахъæд.
«Нæ прагматон æмæ бирæвекторон æттаг политикæйы мидис у сабырад æмæ хæдбардзинады хъахъæд.Гуырдзыстон сабырадон политикæ æххæст кæны æмæ уый сбæлвырд кодтам нæ архайдтытæй, кæцыйæн ис фундаменталон нысаниуæг æрмæст нæ бæстæйæн нæ фæлæ ма æнæхъæн регионы æдасдзинадæн дæр.Ныртæккæйы æхсæнадæмон уавæр хынцгæйæ, кæд æмæ эффективонæй архайдзыстæм, уæд махæн нæ бон у Гуырдзыстон скæнæм сæйраг бæстæйæ экономикон интеграцийы æххæст кæнынæн; Ази, Европæ æмæ Æввахс Скæсæн, фидар кæнынц Хуссар Кавказы статус куыд регионалон центр æмæ ноджы тынгдæр фæтыхджындæр кæнынц бастдзинæдтæ нæ партнер бæстæтимæ Ацы æрдгæй 2025 азы хицауад сарæзта ахсджиаг къахдзæфтæ.Фæнды мæ банысан кæнон мæ визиттæ Сомихстонмæ, Азербайджанмæ æмæ Туркмæ, кæцытæ здæхт уыдысты ноджы фæарфдæр кæнынмæ ахастытæ æмæ фæтыхджындæр кæнынмæ сабыр бæстæтимæ.
Хицæнæй ма мæ фæнды Сербимæ мæ хæларадон æмæ хъуыддагон визиты кой дæр. Афтæ дæр, знон нæм æрцыд Хорватийы Президент, кæцыимæ махæн ис хæлар æмæ хъуыддагон ахастытæ. Ахæм æмархайд аразы ног перспективæтæ фидæны ахастытæн.
Америкæйы Иугонд Штаттæм – ИНО-мæ визит тынг нысаниуæгджын уыд. Ацы платформæйæ спайда кодтам, цæмæй ноджы иу хатт банысан кæнæм нæ сæйраг фидиуæн – Гуырдзыстон æххæст цæттæдзинад æвдисы æнгом ахастытæм, кæцытæ бындуриуæг кæнынц суверенитетæн кад кæныныл, кæрæдзийы интерестæ æмæ хæрзиуæгтыл», -расидтис Михаил Хъавелашвили.
Президенты ныхасмæ гæсгæ, æттаг политикæйыл ныхас кæнгæйæ, нысаниуæгджын сты Гуырдзыстоны ахастытæ Евроцæдис æмæ АИШ-имæ.
«Æттаг политикæйыл куы дзурæм, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нысаниуæгджын сты нæ ахастытæ Евроцæдис æмæ АИШ-имæ.Никæмæн у ног хабар , цæмæй, уæлдайдæр Украинайы хæстæй фæстæмæ, Европæйы бюрократи æргомæй хъыгдары нæ бæстæйы мидхъуыддæгты æмæ архайдта дывæр стандарттимæ. суверенон, хæдбар паддзахад.Уыдон нæ бæстæйы æнкъарынц куыд сæ геополитикон проекты хай, кæцыйы фæлгæтты Гуырдзыстон хъуамæ сæххæст кæна уыцы конкретон нысæнттæ, кæцытæ уыдон сæвæрдтой.
Америкæйы Иугонд Штатты тыххæй та, нæ фарс равдыста йæ æххæст цæттæдзинад стратегион партнердзинад сног кæнын æмæ ахастытæ сыгъдæг æмбæрзæнæй райдайын, кæцы æвдыст æрцыд «Партнерады фæндагон картæйы» фæндоны, кæцы дыууæ бæстæйы интерестæ дæр деталонæй æвдисы. «Афтæ дæр факт у, цæмæй нæ цæстæнгас бирæ фадгуыты æмбæлы, уый тыххæй дæр лæмбынæгæй хъус дардзыстæм, куыд рæздзæн цаутæ, уæлдайдæр та абон дунейы уæвæг вазыгджын æмæ æнæпрогнозгæнæн геополитикон уавæр хынцгæйæ» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.