Михеил Хъавелашвили Азербайджаны «Милли Меджлисы» сæрдаримæ фембæлдис
Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили, Азербайджаны республикæйы Милли Меджлисы сæрдар Сахиба Гафароваимæ фембæлд сарæзта. Президент Азербайджаны делегацийы уæнгтæн Орбелианиты галуаны фысым кодта.
Фембæлды рæстæджы фарсытæ дыууæ бæстæйы æхсæн историонæй фидар хæларадон ахастытыл фæныхас кодтой æмæ Гуырдзыстон-Азербайджаны стратегион партнерады сæйраг здæхттыл фæуынаффæ кодтой. Банысан кодтой бæстæты æхсæн æнтыстджын æмкуыстдзинады нысаниуæг æндæр æмæ æндæр æхсæнадæмон æмæ регионалон форматы.
Ныхасы ма æрдзырдтой Хуссар Кавказы регионы ныртæккæ цы цаутæ цæуы, уыдоныл дæр. Михаил Хъавелашвили расидтис, цæмæй Гуырдзыстон йæ фарсыл хæцы Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинадæн æмæ цæттæ у адарддæр кæна йæ хайбавæрд ацы процессмæ.
Фембæлдыл Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Туркы æхсæн æртæфарсон æмкуыстдзинадыл дæр цыд дзырд.
Гуырдзыстоны президент бузныг расидтис азербайджайнаг фарсæн Гуырдзыстоны суверенитет æмæ територион æнæхъæндзинады æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинады тыххæй.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст парахат кæны.