Михеил Джанелидзе парламенты раз раныхасæй ралæудзæн
Михеил Джанелидзе парламенты раз раныхасæй ралæудзæн

Гуырдзыстоны   парламенты  абон   байхъусдзысты   вице-премьермæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидземæ. Фæсарæн хъуыддæгты министр, рацæудзæн  æддæ ахастыты, диаспорæйы æмæ Европæимæ интеграцийы   комитетты иугонд рабадтыл.

Михеил Джанелидзе  æддагполитикъон уагдон  цы  куыст сæххæст кодта,  æддæ  политикъон фарстытыл  æмæ  плангонд  мадзæлтты  фæдыл фæныхас кæндзæн.