Михеил Джанелидзе - Диаспорæйы минæвæрттæ рæувадат аппликацийы фæрцы исдзысты информаци Гуырдзыстоны цæугæ программæты тыххæй
Махæн сеппæтæй стыр æнтыст у уый, цæмæй 2017 азы фыццаг хатт бакуыст æрцыд диаспорæимæ æмархайды æмæ политикæйы комплексон стратегий – загъта вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе, парламенты Кавказы диаспорæйы æмæ Европæмæ интеграцийы комитетты иугонд рабадтыл. Джанелидзе куыд банысан кодта афтæмæй, лæвæрд стратегийы фæлгæтты, фæбæрæг сты конкретон программæтæ æмæ проектытæ сæ бюджеттимæ иумæ. Иуæй-иу приоритетæй ацы сферæйы у Гуырдзыстоны цардмæ дисапорæйы активонæй æрбаиу кæнын. Сæрмагондæй та, Джанелидзейы ныхзæстæм гæсгæ, фæсарæнты цæрынц бирæ æнтыстджын гуырдзиæгтæ, кæцытæй бирæты фæнды хайбавæрд бакæнын бæстæйы райтынгы æмæ баххуыс кæной Гуырдзыстонæн, паддзахады рард та у цæмæй сын фæнысангонд хъуыддаджы баххуыс кæна. Уымæ гæсгæйæ Джанелидзе афтæдæр банысан кодта прогресс дывæрон æмбæстагдзинады фарстмæ гæсгæ æмæ бахахх кодта ацы скуыддзæгты æрфидар.
Уымæй уæлдай, диаспорæйæн ныридæгæн бакуыст æрцыд онлайн-аплликаци, кæцыйы фæрцы диаспорæйы минæвæрттæн уыдзæн сæ бон райсой информаци Гуырдзыстоны цæугæ процессты тыххæй, программæтæ æмæ проектты фæдыл, афтæдæр базоной информаци æнæнизхъахъъæды сферæйы сервисты æмæ социалон хъахъæды æмæ сæ уæвæн бæстæты юридикъон æххуысы фæдыл – расидтис Михеил Джанелидзе.