Михеил Джанелидзе - Алы партнеримæ кусæм, цæмæй НАТО-мæ интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстоны прогресс сфиксир уа
Михеил Джанелидзе  - Алы партнеримæ  кусæм, цæмæй  НАТО-мæ  интеграцийы фæндагыл  Гуырдзыстоны прогресс  сфиксир уа

 

Алы партнеримæ  кусæм, цæмæй  НАТО-мæ  интеграцийы фæндагыл  Гуырдзыстоны прогресс  сфиксир уа –  уый фæдыл  фæныхас  кодта  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министр Михеил Джанелидзе.

Джанелидзе  абон  ракой кодта  премьер-мнистр Гиорги Квирикашвилийы   фидиуæны тыххæй,   кæцыйы  мидæг премьер  ныфс  разхæгъы, цæмйæ  2021 азы, советон оккупаци  бонæй  100  азы  куы сыххæст уыдзæн, уæд  зæгъгæ Гуырдзыстон  ацы  датæйыл  сæмбæлдзæн НАТО-йы  æцæг  уæнгы  статусæй.

Фæсарæн хъуыддæг министр   куыд банысан кодта  афтæмæй,   Гуырдзыстон  НАТО-имæ æрыввахсы  æрдæм  нысаниуæгджын  къахдзæфтæ сарызта.

«Ис нæм алцы  практикон  инструмент, кæцыты фæрцы æххæст кæнæм  демокративон  реформæтæ,  экономикон  рæзынады проекттæ æмæ   реформæтæ  хъахъæнынады  сферæйы, кæцы  фыст у   æрвылазон  программæйæ.

Афтæдæр æххæст кæнæм  архайадон  пакеты, кæцы  тыхджындæр кæны бæстæйы   хæдиргъæфхъомад  æмæ йæ  хæстæгдæр кæны  НАТО-йы стандарттæм.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр, хъуыды кæнæм,  цæмæй Гуырдзыстон   алкæмæн дæр   равдыста, куыд  цæттæ у   фæдылдзог къахдзæфтæм уый.

Мах араддæр кæндзыстæм консультацитæ  æмæ   реформæтæ,  кæцыты   руаджы  бахæццæ уыдзыстæм  уыцы нысанмæ,  кæцы хуыйны  НАТО-ы  уæнгдзинад» банысан кодта Михеил Джанелидзе.