Михеил Батъиашвили – Барвæндæй æвзæрсты бындурыл профессийæ  ацæуын, пенсион кары  6 мины онг педагог ахицæн кодтой
Михеил Батъиашвили – Барвæндæй æвзæрсты бындурыл профессийæ ацæуын, пенсион кары 6 мины онг педагог ахицæн кодтой

Фæстаг иу афæдзы  дæргъы арызт къахдзæфтæ  нын дæттынц  уый бындур, цæмæй Гуырдзыстон  фенæм иуæй-иу  размæцыд бæстæйæ  ахуырады æрдгæй,-  уый фæдыл  ахуырады  министр Михеил Батъиашвили   парламенты  ахуырады, зонæдты, культурæйы, спорты æмæ фæсивæды хъуыддæгты, æнæнизхъахъхъæды, æимæ  социалон  фарстаты  комитетты  иугонд  рабадты  райхъусын кодта.

«Фыццаг тынг  нысаниуæгджын реформæ, кæцы райдыдтам, у  пенсион  кармæ æмбæлгæ  националон  хорзæх, дыууæ азы  мызд. Уыцы педагогтæ, кæцытæ  ахицæн кодтой  ай йас куысты  фæстæ  аккагæй  æмæ уæлдайдæр  барвæндæй   ныууадзой  системæ,    паддзахад сæ  сифтонг кæндзæн  дыууæ азы  æмтгæйон  мыздæй», –  райхъусын кодта Михеил Батъиашвили.

«Тынг райгонд стæм, уымæн æмæ нæ бон у зæгъын, цæмæй  6 000-æй  фылдæр  педагог  ацыд регистраци, кæцы  сæрмагонд фæндæй  сарызта куырдиат  системæйæ  ацæуынæй æмæ реалонæй  ай  уыцы  цифрæ  у,  кæцы нын ратдзæн фадат, уæлæмхас  этаптыл  ахъуыды кæнæм ног  кадртыл дæр.

Ай уыдис фыццаг этап, кæцы  абон  фактонæй  фæцис, фæлæ  нæм ноджы бирæ  педагог æрбавдисдзæн  куырдиат, кæцыты фæнды  ацы  æмгъуыд  аивгъуыды фæстæ  ноджы  баиу  уой  ацы процессмæ.  Алы амæлттæй  сын   баххуыс кæндзыстæм.  Дыккаг этап  райдайдзæн  фæззæджы. Кæцыфæнды педагогæн ратдзыстæм фадат, райсæт ацы  хорзæх, кæцы тынг нысаниуæгджын  размæ арызт къахдзæф у», – захта Михеил Батъиашвили.