Михаэл Ротт – Гуырдзыстоны хицауад ныхъхъавыд сексуалон къаддæртæм, хицаугæнæг парти хъуамæ бауромæт инициативæтæ, кæцытæ бæстæйы фидæн куынæг кæнынц

19:47, 04.06.2024

Критикон  хъуыдыгæнæг   æмбæстагон  дзыллæйыл  «фæсарæйнаг агентты» фæдыл  закъонæй бырсты  фæстæ, Гуырдыстоны  хицауад  нысанмæ исы сексуалон  къаддæрты, – уый фæдыл  социалон хызæгты  Германийы  æддæ ахастыты  комитеты сæрдар Михаэл Ротт  фыссы.

Йæ  дзырдæй зæгъгæ, Гуырдзыстоны хицаугæнæг парти  хъуамæ баурома  инициативæтæ, кæцытæ бæстæйы фидæны  скуынæггæнæн сты.

«Критикон ахаст цы æмбæстагон дзыллæйæн ис уыдонмæ «фæсарæйнаг агентты»  фæдыл закъонæй  бырсты фæстæ, Гуырдзыстоны хицауад  нысаны  систа   сексуалон  къаддæрты.   ЛГБТ -ы  нымæ  уырыссаг  стилы  репресситæ  Гуырдзыстоны ервопаг  амбицитæн  ноджы  иу  фæдисон  нысан у.  Хицаугæнæг  парти хъуамæ  баурома инициативæтæ, кæцытæ  Гуырдзыстоны  фидæны  скуынæг кæнынæн сты», –  фыссы Ротт.

Хуыздæр