Михаил Джанелидзе – сидын Германийæ фыдыбæстæмæ æрыздæхын кæй фæнды уыцы æмбæстæгтæм, спайда кæной Германийы хицауады хъуыдиатæй
Михаил Джанелидзе – сидын Германийæ фыдыбæстæмæ æрыздæхын кæй фæнды уыцы æмбæстæгтæм, спайда кæной Германийы хицауады хъуыдиатæй
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Михаил Джанелидзе Германийы цæрæг æмбæстæгтæм сиды , кæцыты фæнды фыдыбæстæмæ æрыздæхын, спайда кæной Германийы хицауады лæвæрд фадатæй.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, уагдон снысангонд информаци максималонæй уæрæхæй æмæ активонæй ахæлиу кæной сæрмагонд каналтæй, диаспорон организгондæй, цæмæй алкæмæн дæр уа фадат фыдыбæстæмæ æрыздæхын.
«Ныфс дарæм, цæмæй уый уыдзæн конкретон фæстиуджыты æрхæссæг уыцы адæймæгтæн, кæй фæнды фыдыбæстæмæ æрыздæхын æмæ сидын алкæмæ спайда кæной Германийы хицауады лæвæрд фадатæй» -расидтис Джанелидзе.
Германийы федералон хицауад æнхъары материалон æмæ æнæматериалон æххуыс фæсарæйнагæтæн, кæцытæ барвæндæй æрыздæхдзысты сæ фыдыбæстæмæ.
Гуырдзыстоны ФХМ-ы информацимæ гæсгæ, фæнысангонд программæ REAG/GARP æххæссы гуырдзыстйнаг æмбæстæгтæм дæр. Пргограммæ йæ хъуыдыйы дары фæндаггаг аргъы бафидын, афтæдæр уæлæмхас финансон æххуыс райсын.
Фæлæ ацы программæмæ баиу кæнын сæ бон Гуырдзыстоны æмбæстæгты бæрæг категоритæн;
– уæнгтæ кæцытæ Германийы территоримæ бацыдысты æнæвизæ режимы скусын кæныны размæ, кæнæ та 2017 27- марты онг фæлæ хиæмбæхсæны æркуырдыл райстой æппæрццаг дзуапп, кæд æмæ Германийы æмбæлон уагдæттæ сын цы æмгъуыдтæ раттой Германийы территори ныууадзынæн, уыдоны æмгъуыд нæ авигъуыдис уæд.
-уæнгтæ кæцыты куырдиæттæ хиæмбæхсæны статус раттыны тыххæй, нырма сты касты процессы.
– Уæнгтæ кæцытæм лæвæрд Германийы хиæмбæхсæн, фæлæ кæцытæ равдыстой фæндон Гуырдзыстонмæ æрыздæхын.
Немыцаг фарсы информацимæ гæсгæ,2018 азы 28-æм февралы онг, фæндаггагы бафидынæй уæлдай, ис гæнæн Германийы хицауады финансон æххуыс райсын 3000 евройы бæрцæй, Гуырдзыстонмæ æрыздæхыны фæстæ цæрæн уавæрты фæхуыздæр кæнынæн.
Лæмбынæгæй фæнысангонд программæйы тыххæй, гæнæн ис информаци райсын æмбæлон веб-фарсыл, информаци у æнцонвадат, уый нымæцы уырыссаг æвзагыл дæр.