Михаил Джанелидзе ИНО-йы Гуырдзыстоны сабырадон инициативайыл фæныхас кодта
Михаил Джанелидзе ИНО-йы Гуырдзыстоны сабырадон инициативайыл фæныхас кодта

Михаил Джанелидзе ИНО-йы Гуырдзыстоны сабырадон инициативайыл фæныхас кодта

Гуырдзыстоны вице-премьер, æттаг хъуыдтæгты министр Михаил Джанелидзе ИНО-йы Гуырдзыстоны хицауады сабырадон инициативайыл æмæ окупиргонд регионты адæймагы барты хъахъæды къуымæй уæвæг уæззау уавæрыл фæныхас кодта.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, Михаил Джанелидзе хайад райста ИНО-йы  геенралон ассамблеайы бæрзонд рангы фембæлды High level meeting on peacebuilding and sustaining peace  æмæ ныхасæй рацыд мадзалы хайадисджытæм. Ныхасæй рацыды рæстæджы Михаил Джанелидзе фæныхас кодта дунейы сабырады  æмæ иумæйаг бæрныл.

Михаил Джанелидзе сцырын кодта хъусдард уыцы уæззау уавæрыл, кæцы окупиргонд регионты адæймагы барты хæлд.

 

Нью-Йоркы куыстон визитæй уæвæг Гуырдзыстоны вице-премьер, æттаг хъуыдтæгты министр Михаил Джанелидзе абон хайад райсдзæн ИНО-йы геенралон ассамблеайы бæрзонд рангы фембæлдты – High level meeting on peacebuilding and sustaining peace.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, Михаил Джанелидзе ныхасæй басиддзæн ИНО-йы ассамблнайы бæрзоонд рангы сегменты хайадисджытæм æмæ сæрмагонд ныхасы хъусдард сцырын кæндзæн окупиргонд теритоиты хуызæй Гуырдызстоны раз уæвæг расидæнтæ, афтæ дæр  фæныхас кæндзæн Гуырдзыстоны хицауады сабырадон инициативайыл, «Къахдзæф хуыздæр фидæнæн», кæцыйы сæйраг нысан Абхази æмæ Цхинвалы регионы, афтæ дæр дихгæнæг хаххытæм æввахс цæрджыты гуманитарон æмæ социалон- экономикон уавæры фæхуыздæрæн.

Генералон дебатты фæлгæтты, ИНО-йы Гуырдзыстоны организгондæй  паралелонæй мадзал – Achieving sustainable peace based on the respect of human rights сырæздзæн, кæцы афтæ дæр Гуырдзыстоны окупиргонд територитыл  адæймагы барты уавæры фæдыл уыдзæн.

Визиты фæлгæтты, плангонд сты Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты къухдариуæгы фембæлд коллега министртимæ.