Миграцион департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 27 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департаментимæ æмæ министрады æмбæлон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, Гуырдзыстонæй 27 фæсарæйнаг æмбæстагы ссæрибар кодтой. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, фæстаг бонты ист вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн, бæстæйæ атардтой Индийы, Иракы, Египеты, Бангладешы, Китайы, Камеруны, Азербайджаны, Анголайы, Ганайы, Пакистаны æмæ Туркы 27 æмбæстаг. Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуыны фадат уыд.
«Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæзаконон миграцийы ныхмæ тох кæныны бæрнон орган у, йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг кæнын, кæцытæ Гуырдзыстоны сты æнæзакъонон бындурæй æмæ сæ Гуырдзыстонæй ссæрибар кæнын», -ис фыст мидхъуыдтæгты министрады расидæны.