Мидхъуыдтгæты министрад –Батумы зынгирвæзты фæстиуæг 10 Гуырдзыстоны æмæ иу Ираны æмбæстаг фæмард
Фысымуат «Леограндмæ» эксперт-криминалисттæ бацыдысты. Уый фæдыл фыццаг каналы журналист бынатæй сиды. Патрулон полици фысымуаты територи бур лентайæ æрымбонд кодтой, бынатыл кусынц эксперт –криминалисттæ.Батумы, фысымуат «Леогранды» зынгирвæзты фæстиуæг, 10 Гуырдзыстоны æмæ иу Ираны æмбæстаг фæмард. Мидхъуыдтгæты министрады информацийæ, госпитализаци бахъуыд 21 адæймагæн, кæцыты уавæр ацы рæстæгмæ стабилон у. Цæфгондты æхсæн ис министрады зынгвæдисон дæр. Æрцæугæйы фæдыл, фæдагуырд Гуырдзыстоны тугрæстдзинады кодексы 243 –æм статьяйæ райдыдта, кæцы йæ зæрдыл дары регуляциты, зынгирвæзæн æдасдзинады уагы хæлд. Фысымуаты зынгирвæзт 24-æм ноябры 21:00 сахатыл æрцыд. Æрцæугæйы фæдыл, фæдагуырд райдыдта Гуырдзыстоны тугрæстдзинады кодексы 243-æм статьямæ гæсгæ, кæцы йæ зæрдыл дары зынгирвæзты æдасдзинады нормæты хæлд. Зынгирвæзты ликвидацион æмæ æххуысгæнæн куыстыты хайад истой17 зингвæдисон-æххуысгæнæг къорд, 120 зынгвæдисон, полицийы 200 –онг кусæг.