Мидхъуыдтæгты министрад - туркаг æфсæдтон хæдтæхæгы катастрофайы бынатыл активонæй цæуынц ирвæзынгæнæг, фæдагуырдон куыстытæ
Мидхъуыдтæгты министрад - туркаг æфсæдтон хæдтæхæгы катастрофайы бынатыл активонæй цæуынц ирвæзынгæнæг, фæдагуырдон куыстытæ

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады информацийæ, Сигънагы муниципалитеты туркаг æфсæддон хæдтæхæгы катастрофæйы бынаты активонæй цæуынц æмбæлон ирвæзынгæнæн æмæ фæдагуырдон мадзæлттæ.

Инциденты бынатыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Гека Геладзе дæр ис.

Уагдоны  информацимæ гæсгæ,  министры фыццаг хæдивæг Рони Месхи æмæ полицийы æндæр æмæ æндæр дæлхайæдты къухдариуджытимæ иумæ авиакатастрофæйы бынат басгæрста æмæ цæугæ куысты фæдыл информаци байхъуыста.

Уагдоны информацийæ, Турчы æфсæддон хæдтæхæг Сигнагъы муниципалитеты, Гуырдзыстоны паддзахадон арæнмæ æввахс 5 километры дæрддзæгыл æрхауд. Куыд рабæрæг афтæмæй, хæдтæхæг тахт Азербайджанæй-Турчы æрдæм.