Мидхъуыддæгты министрады миграцион управленийы кусджытæ Гуырдзыстонæй атардтой 60 фæсарæйнаг æмбæстаджы
Мидхъуыдтæгты министрады миграцион департаменты кусджытæ, Гуырдзыстоны закъон «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон адæймæгты юридикон статусы фæдыл» бындурыл, ивгъуыд мæйы бæстæйæ æндæр æмæ æндæр бæстæты 60 æмбæстаджы ратардтой. Информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгтæй иуæй-иутæ барвæндонæй ныууагътой Гуырдзыстон, иуæй-иутæ та Миграцион департаменты кусджыты райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ тыхæй æрвыст æрцыдысты.
«Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон адæймæгты юридикон уавæры фæдыл Гуырдзыстоны закъоны бындурыл, æдæппæт Турчы, Азербайджаны, Ираны, Уæрæсейы, Индийы, Туркменистаны, Бангладешы, Ливаны, Иракы, Нигерийы, Иорданийы, Алжиры, Египеты 60 æмбæстаг æмæ Ганæйы ратардтой бæстæйæ. Æрцæугæ цæрæнуæтты æхсæн афтæ дæр ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ Гуырдзыстоны территорийыл æндæр æмæ æндæр антисоциалон архайдтыты уыдысты баст.
Банысанкæнинаг у, цæмæй миграцион департаменты æмæ министрады æмбæлон дæлхайæдты æхсæн активон координацийы фæстиуæгæн, 2024 азы октябрмæ 384 фæсарæйнаг æмбæстаджы ссæрибар кæныны фæдыл уынаффæ ист æрцыд, кæцы ивгъуыд азимæ абаргæйæ 26% фылдæр у. Фæфылдæр ис уыцы адæймæгты нымæц дæр, кæцытæ барвæндонæй ныууагътой бæстæйæ ссæрибар кæныны процедурæйы фæлгæтты, сæрмагондæй Гуырдзыстонæй ацыд 323 адæймаг, кæцы ивгъуыд азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ 60.7% фылдæр у.
Мидхъуыддæгты министрады миграцион хайад активонæй кусы æнæзаконон миграцийы ныхмæ тохы механизмты дарддæры райрæзтыл æмæ сæ дунеон стандарттæм хæстæгдæр кæныныл. Плангонд сты нысаниуæгджын закъондæттæн ивæндзинæдтæ, кæцытæ æфтаугæйæ фæбæрзонддæр кæндзысты ведомствæйы гæнæнтæ бæстæйæ æнæ юридикон бындурæй адæймæгты ссæрибар кæныны эффективон процедурæтæ сифтонг кæнынæн», – ис фыст мидхъуыддæгты министрады информацийы.