Мидхъуыддæгты министрады хъуыды кæнынц, цæмæй мандатонты институты фæхуыздæр кæнынхъæуы, уымæн цæмæй срæвдзкæна æнæ æрмæст скъолайы территорийыл фæткъæвæрд æмæ æдасдзинанады хъахъхъæд, фæлæ ма уыцы конфликтты превенци дæр, кæцыт ахуыргæнæндоны сæвзæрынц æмæ потенционæй гæнæн ис ацы тыгъдады æддæйæ адарддæр уа. Уый фæдыл мидхъуыддæгты мнистрады фидиуæны дзырдæуы, кæцыйæ уагдон, Тбилисы Хоравайы уынгыл æрцæугæ факты кой кæны.
«Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад, тыхмийы цыфæнды фактыл тызмæг реагир кæндзæн. Тыхийы ныхмæ хæцын у нæ сæйраг рард æмæ алцыппæи сараздзыстæм уый тыххæй, цæмæй дзыллæ, сæрмагондæй та æнахъомтæ, уой æдас уавæры. Фæстаг азты мидæг æнахъомты расттæрхоны сферæйы бирæ реформæ æрцыд уагъд. Æнæкæсгæ амæ, æнахъомты æхсæн фыдракæнды превенци барадхъахъъæнæг органтæн фæстæмæ иуæй-иу сæйраг быцæусидт у.
Ацы рæстæджы нысаниуæгджын у, йæхæдæг ахуырады системæйы роль æнахъомты хъомылады æмæ сæзонынады арæзтады. Фæхуыздæр кæнинаг у мандатонты институт дæр, цæмæй срæвдз кæна æрæ æрмæст скъолайы территорийыл уагæвæрды æмæ æдадсзинады хъахъхъæд, фæлæ ма уыцы конфликтты превенци дæр, кæцыт ахуыргæнæндоны сæвзæрынц æмæ потенционæй гæнæн ис ацы тыгъдады æддæйæ адарддæр уа. Мидхъуыддæгты министрад сæрмагонд хъусдардæй уыдзæн æнахъомты æхсæн фвдракæнды превенцийы æрдæм æмæ ацы нысанæй æндæр паддзахадон уагдæттимæ, æхсæнадимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ къуындæг æмкуыст кæндзæн. Ацы рæстæджы, æнахъомты æхсæн ахæ фыдракæнды цауы, мидхъуыддæгты министрад адекватон регирдзинад равдисдзæн æмæ алы фыдгæнæг, закъоны фæлгæтты æрцæудзæн æфхæрд» – хъусын кæнынц МХМ-ы.