Microsoft цифрон валютæ Bitcoin –ы, куыд фидтонон фæрæзы райст æрурæдта
Компани «Microsoft» цифрон валютæ Bitcoin –ы, куыд фидтонон фæрæз райст æрурæдта.
Скуыддзагы аххос у уыцы рискътæ, кæцы гæнæн ис фиддоны рæстæджы, æнæстабилон къурсы тыххæй, компанийæн зианхæссæг уа.
Афтæма дзырæдуы транзакцийы аргъы фæдыл дæр, кæцы æрвыст виртуалон суммæйы нымæцмæ æнæкæсгæйæ бæрзонд у.
«Microsoft» биткоинтæй фиддоны системæ æрфидар кодта 2014 азæй.
Аналогион скуыддзаг райста компани «Steam», кæцы оперир кæны онлайн хъæзтыты сферæйы.
Финансон гигант «Visa» та, аскъуыдта бадзырд фиддонон системæ «WaveCrest»-имæ, кæцы æндæр æмæ æндæр криптовалютæтæй уагъта дебетон картæтæ.
«Visa»-ы уый аххосæй схуыдтой сæ оперирдзинады фæткъæвæрдмæ «WaveCrest» æнæмбæлон кæй у уый.
Фæнысангонды фæстиуæгæн фæмацы уыдзæн Visa- WaveCrest-ы алы иумæйаг дебетон картæ.
Дебетон картæты фæмацы кæнынмæ æнæкæсгæ, пайдагæнджыты электронон æхцадæттæ фæстæмæ активон уыдзысты, кæцы пайдагæнджыты баиргъæвдзæн финансон зианæй.