Мевлут Чавушогълу - Турк кæддæриддæр  разы  уыд  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгсуæвыны темæимæ, фæлæ Германи æмæ  Франц, ацы  къахдзæф  саразын Уæрæсейы  смæсты кæныны  тасæй не  ууæндынц
Мевлут Чавушогълу - Турк кæддæриддæр разы уыд Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны темæимæ, фæлæ Германи æмæ Франц, ацы къахдзæф саразын Уæрæсейы смæсты кæныны тасæй не ууæндынц

Турк  кæддæриддæр æнцой дардта Гуырдзыстоны  НАТО-ы  уæнгæй  суæвын –  уый фæдыл  Турчы  фæсарæн хъуыддæгты  министр , Мевлут Чавушогълу   немыцаг  рауагъдад  «Бильдимæ»  интервьюйы   загъта.

Мевлут Чавушогълуйы  дзырдæй,  зæгъгæ  Европæйы  бæстæтæ  Гуырдзыстонимæ баст  скъуыддзаг  райсын хъом не сты.

«Турк кæддæриддæр  разы  уыд  Гуырдзыстоны НАТО-йы  уæнгæй  суæвыны темæимæ, фæлæ Германи æмæ  Франц, ацы  къахдзæф  саразын Уæрæсейы  смæсты кæныны  тасæй не  ууæндынц», – банысан кодта Турчы æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг  интервьюйы рæстæджы.