Метростанцæ «Варкетили» сом сæумæрайсомы 6 сахатæй бæлцæттæн хуымæтæг режимы балæккад кæндзæн. Уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой Тбилисы транспортон компанийы пресс-куысты.
Сæ информацийæ, ацы рæстæгмæ метростанцæ «Варкетилийы» дæллаг вестибюлæй рахастой бырон. Афтæдæр æркалдтой цары уыцы хай, кæцы гæнæн уыд бæлццæттæн æфтауцæй проблемæтæ æрхастаит.
Тбилисы транспортон компанийы куыд дзурынц афтæмæй, куыстытæ интенсивон режимæй цæуынц æмæ кæд ницы къуылымпыгæнæг уыдзæн, уæд æндæр метростанцæтимæ иумæ «Варкетили» дæр байгом уыдзæн 06:00 сахатыл. Кылымпыдзинады цауы, гæнæн ис æрмæстдæр метростанцæйы скуысты рæстæг æрцæуа хаст.
30 январы, 10:30 сахатмæ æввахс метростанцæ «Варкетилийы» дæллаг вестибюлы ауыгъд цары конструкцийы æркæлыны фæстæ, Тбилисы метро рæстæгмæ, «Ахметелис Театри»-йæ «300 аргавели»-ы онг кусы.
Цауы расидæг аххос сбæрæг кæнынæн, цæуы фæдагуырд.