Meduza – Уæрæсе Цхинвалы регистриргонд банкы æххуысæй, Минскы бадзырд халы
Meduza – Уæрæсе Цхинвалы регистриргонд банкы æххуысæй, Минскы бадзырд халы

Meduza – Уæрæсе Цхинвалы регистриргонд банкы æххуысæй, Минскы бадзырд халы

«Хæдбар республикæ, кæцыйы алы æппæт Мæскуыйыл у баст», – ахæм номхуындæй репортаж уырыссаг интернет ралæвæрд Meduza парахат кæны. Журналист Илья Жегулев Цхинвалы ис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, окупиргонд регионы бюджет  Украинайы скæсæн хайы уæвæг хæдбарæй расидтогонд республикайыл у баст.

Meduza-йы информацийæ, Цхинвалы регион Уæрæсейы бюджетæй алы аз æхсæз миллиард рубл (88,4 милуан доллар) исы.

«Уый у дыууæ хатт фылдæр, Уæрæсе Хъырымы цы хардз кæны æмæ 10 хатт фылдæр Цæгат Ирыстоныл кæй хардз кæны, уыцы финанстæм абаргæйæ», – фыссы журналист.

Автор фыссы, цæмæй фæстаг азты Цхинвалы хæзнайы дзаг кæны æрмæст иу фидæг. Уый у  «æпæптдуноен бæрнон банк».

«Æртæ азы размæ бындурæвæрд банк ссис Хуссар Ирыстоны алкæмæй ставд фидæгæй. Цæмæй у зындгонд снысангонд банк- растдæр ацы банкы фæрцы реализ кæны алы транзакци, уæд, кæд æмæ Донецк æмæ Луганскы уырыссаг бизнесменты компаниты хъæуы финансон операцитæ.

Уырыссаг ралæвæрды информацийæ, Мæскуыйы хæслæвæрдæй, Украинайы скæсæн хайы архайæг компанитæ Цхинвалы регионы «специалон фидинæгты режимæй» пайда кæнынц. Уыдон афтæ хуынæг Хуссар Ирыстонæн, æфтиагы æрмæст иу процент фидынц. 2017-æм азы ацы фæндагæй ист æхца 20 милуан рубл (302 000) доллар уыд.

Meduza-йы специалон кореспондент, кæцы Цхинвалы ис банкы бæрнон Дзгойты Олегыл фембæлд. Уый сбæлвырд кодта, цæмæй банк, регионы цæрæг дыууæ уæнг сарæзтой.

«Цхинвалы уæвæг банк, Мæскуыйы бындур нывæрдта, «æппæтдунеон гуманитарон проектты фарсылхæцæг хæрзгæнæг фонд», кæцыйы президент 2017-æм азы онг Иркутсткы губеранторы раздæрон хæдивæг Владимир Пашков уыд», – фыссы Meduza.

Meduza-йы информацимæ гæсгæ, Пашков афтæ дæр у баст ноджы иу компани «Внешторгсервисимæ», кæцы ралæвæрды информацийæ афтæ дæр Цхинвалы регионы кусы.