Медикты информацийæ, Гъудушауры уæвæг цыппар адæймаг клиникайæ абон кæнæ сом рафысдзысты
Медикты информацийæ, Гъудушауры уæвæг цыппар адæймаг клиникайæ абон кæнæ сом рафысдзысты
Гъудушауры къанаткайыл цæфгонд цыппар адæймаг клиникайæ кæнæ абон рафысдзысты кæнæ сом. Уый фæдыл клиникайы дохтыр Николоз Карцавадзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, клиникайæ дыууæ пациент афыстой æмæ ацы рæстæгмæ медицинон бæстыхайы ноджы фондз уæнг хос кæны.
«Фондз пациентæй цыппар неврологи æмæ нейрохирургийы сты, сæ уавæр стабилон у æмæ сæ абон, кæнæ сом афысдзыстæм. Иу пациент, кæцыйæн знон операци сырæзт, реанимацимæ аргъæвтам. Йæ уавæр стабилон у æмæ аппаратæй æвæццæгæн цалдæр сахаты фæстæ уыдзæн ист.
Цæфгондæй дыууæ Украинайы, Уæрæсейы -цппар, Швецийы – иу æмæ Гуырдызстоны иу æмбæстаг у.
Цæфгондтæй иу сывæрджын у.
Гудаурийы канаткæйы аварионæй урæды аххосагæй цалдæр адæймаг зиан баййæфта
Уый фæдыл информаци фыццаг къаналы журналисттæн бынæттонтæ расидтысты.
Æрылхъывды æрхауды фæстиуæг электроэнерги ахицæн , цæй тыххæй дæр къанаткæ аварионæй æрлæууыд, уый фæстæ та ныхмæлæууæг змæлд райддыта.