Медийы информацийæ, Энтони Блинкен Брюссельмæ цæуы, цы ран НАТО æмæ Евроцæдисы бæрнонтимæ Украинæйæн фарсылхæцындзинадыл фæныхас кæндзæн
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæстæ æххæстгæнæг Энтони Блинкен Брюссельмæ цæуы. АИШ-ы президентон æвзæрстыты Дональд Трампы фæуæлахизы фæстæ, уый уыдзæн Блинкены фыццаг визит Европæмæ.
Паддзахадон департаменты информацимæ гæсгæ, Блинкен НАТО æмæ Евроцæдисы бæрнонтимæ фембæлдты рæстæджы фæныхас кæндзæн Уæрæсейы агрессийы ныхмæ Украинæйы фарсылхæцындзинадæн. Байдены администрацийы информацимæ гæсгæ, АИШ-ы хицауад 20-æм январмæ, ома Дональд Трампы президентон бынатмæ бацæуыны размæ бацархайдзæн Украинæмæ ныридæгæн лæвæрд æххуыс ахæлиу кæнын.
«Мах зæрдиагæй кусæм, цæмæй Украинæ уа максималонæй фидар позицийы, куыд администрацийы æмгъуыд кæронмæ æххуыс фæфылдæр кæнынæн, афтæ æппæт дунейы партнертимæ координаци кæнынæн, цæмæй уыдон цæттæ уой цыфæнды уавæры дæр бахъахъхъæнынмæ», – райхъусын кодта АИШ-ы хистæр бæрнон фехъусын кодта Reuters-æн йæ ном нæ раргом кæныны уавæры.