Медийы информацийæ, Йенс Столтенберг 12 январы хъавы НАТО-Уæрæсейы советы æрхонын
НАТО-ы гненералон нымæрдар Йенс Столтенберг 12 январы НАТО-Уæрæсейы советы рабадт æрхонын хъавы. Уый фæдыл информаци хъусын кæны туркаг агентад «Анадолу» НАТО-ы сæрмагонд равзæрæныл æнцойæ.
«Фембæлды тыххæй Уæрæсеимæ контактыл стæм» – фехуъсын кодта Цæгат-атлантикон альянсы официалон уæнг, туркаг медийæн.
НАТО-Уæрæсейы советы фембæлд 2 аз у цы нал ацыд. Хæлиу кæны информаци, цæмæй 12 январы НАТО-ы генералон штабты фембæлд дæр ацæудзæн.
Уæрæсейæн Украинайы арæнгæрон дислоциргонд сты 100 000 фылдæр æфсæддон, кæцы тыххæй дæр Уæрæсе æмæ Ныгуылæны æзхсæн ахастытæ тынг фæкарз сты.
Брюссель Мæскуыйы фæдзæхсы, цæмæй Украинамæ уырыссаг æфсады лæбурды фæстиуæг уыдзæн иттæг уæззау æмæ Мæскуыйы бахъæудзæн тынг бырзонд аргъ бафидын.
НАТО-Уæрæсейы совет 2002 азы сырæзт, куыд консультацийы, консессусы, æмгуыстады, иумæйаг уынаффæты æмæ иумæйаг архæйдтыты механизм. 2014 азы Уæрæсе Хъырмы æнæзаконон анекси куы скодта уый фæстæ, НАТО аскуыдта Уæрæсеимæ алыгъуызон æмгуыстад, уый нымæцы советы куыст дæр. Фæлæ æмцæдисонтæ ахицæн кодтой, цæмæй советы коммуникацион каналтæ гом хъуамæ уа.
Ацы периоды фæстæ НАТО-Уæрæсейы совет æртæ хатты æрымбырд ис, 2016 æмæ 2017 азты æмæ дыууæ хатт 2018 æмæ 21019 азты. Совет кæцыйы НАТО-ы уæнг бæстæтæ æмæ Уæрæсе æмбæрцæй сты бавдыст, кастæуы фарсыты æхсæн диалог райдаынын, информаци баивды, æнæмбæрст хъуыддæгтæ фæкъаддæр кæныны æмæ прогнозсаразын гæнæн куыд бауа уыцы аууæлтæ саразын.