Медиайы хъусинагæй, Украинайы  æппæт территорийыл  уæлдæфон  фæдис  райхъусын кодтой
Медиайы хъусинагæй, Украинайы æппæт территорийыл уæлдæфон фæдис райхъусын кодтой

Уæлдæфон  фæдисы тыххæй  райхъусын кодтой Украинайы æппæт  территорийыл, кæцы уый нысан кæны, цæмæй  ис   Украинайыл  уæлдæфон    бырстытæ  сыххæсты  тас æмæ  æмбæстæгтæ  исынц рагфæдзæхст   бомбæхсæнтæм ахизыны фæдыл.

Уый тыххæй  украинаг медиа, Украинайы   оперативон   сæрдарад «Хуссары»  информацийыл æнцойæ  хъусын кæны.

Медиа куыд фыссы афтæмæй, бынæттон рæстæгæй  05:33  сахатыл уæлдæфон фæдис  “хуссары” цыппар   зылды  райхъусын кодтой,  06:34 сахатмæ –  бæстæйы æппæт  территорийыл.

Ахæлиугонд  информацийæ, уырыссаг  тыхтæ  Сау Денджызмæ æрбакодтой дыууæ   ракетæхæссæг  науы.