Медиайы инофрмацийæ, Си Дзинпин  визитæй ныццыд Америкæмæ
Медиайы инофрмацийæ, Си Дзинпин визитæй ныццыд Америкæмæ

Китайы  президент  Си Дзинпин  Америкæмæ ныццыд.  Фæнысангонды фæдыл  информаци хъусын кæны «Ройтер».

Фæстаг æхсæз азы дæргъы  уый Китайы  лидеры фыццаг визит у АИШ-æм. Си Дзинпин  АИШ-ы президент, Джо Байденимæ  Сан-Францискойы  фембæлдзæн, цæй фæстæ дæр  дыууæ бæстæйы лидертæ  Азий-Сабыр океаны  экономикон æмгуыстады  организацийы  саммиты райсдзысты хайад.

Уæдмæ байден куыд райхъусын кодта афтæмæй, Америкæ  нæ архайы   Китайæ дистанциркæнын, архайы ахастытæ хуыздæры æрдæм фæивын. «Нысан у,  цæмæй æрыздæхæм  коммуникацийы хуымæтæг къурсмæ», –  райхъусын кодта Джо Байден.