Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы 136-æм километрыл 80 метры онг  фадыг  базиан ис
Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы 136-æм километрыл 80 метры онг фадыг базиан ис

Гуырдзыстоны регионон райрæзты æмæ   инфраструктурæйы министрады  автомобилон фæндæгты  департаменты информацийæ,   тæркъæвдайы  æмæ  дæлдзырæтты тыххæй, æхсæвы  рæгмæ, æхсæнадæмон нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы 136-æм километрыл (нейтралон зонæ)  цæугæдон Терчы раивылды фæстиуæгæн, фæндаджы 80 метры онг  фадыг   базиан ис.

Автомобилон фæндæгты  департаменты æмбæлгæ  куыстыты   минæвæрттæ  стихийы  зонæйы   сты æмæ бынатыл   ахуыр кæнынц  уæвæг уавæр, цæмæй   фæндаг цыбырдæр æмгъуыдтæм бацалцæг кæнойю.   Бынатыл  мобилизацигонд у  специалон техникæ дæр æмæ   ивылд цæугæдоны  доны  бæрзæнд  куыддæр фæныллæг уыдзæн, афтæмæй райдайдзæни  фæндагон куыстытæ.

Æмбæлгæ мадзæлттæ ауадзыны онг, Мцхета-Степанцъминда-Ларсы автомобилон фæндаджы 136-æм километры  фæдзæхтс у   алыгъуызон автотранспорты  змæлд.