Марта Косс – Гуырдзыстоны хицауады архайдтытæ дэ-факто æрурæдтой баиу кæныны процесс, хицауад хъуамæ æвæстиатæй аива йæ фæндаг
Еврокамис нымайы, цæмæй Гуырдзыстон ныртæккæ кандидат бæстæ у æрмæст номæй – уый фæдыл Европарламенты фæсарæйнаг хъуыддæгты комитеты рабадтыл европарламенты депутаттæн бавдыста хыгъдлæвæрдтæ рауæрæхдæр кæныны фæдыл Европæйы комиссар Марта Косс, цы бæстæтæ рауæрæх кæныны процессы хайад исынц, уыдоны прогрессы фæдыл хыгъдлæвæрдтæ.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны уавæр карзæй фæфыддæр ис.
«Кандидатон бæстæты демократион фæстæмæздæхт ахæм æмвæзадмæ никуы уыд.Мах федтам закъоны уæлдæрдзинады тагъд эрози æмæ бындурон барты серьозон арæнæвæрдтæ.Гуырдзыстоны хицауад æвæстиатæй хъуамæ аива йæ фæндаг æмæ дзуапп ратта сæ æмбæстæгты домæнтæн европæйаг фидæны фæдыл.Фæстаг азты Евросоветы хатдзæгтæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауады архайдтытæ æрлæууын кодтой баиу кæныны процесс, уæдæй фæстæмæ бæстæйы демокративон бындурты хæлдмæ гæсгæ, Къамис нымайы, цæмæй Гуырдзыстон ныртæккæ кандидатон бæстæ у æрмæст номæй» – райхъусын кодта Марта Косс.
Еврокамис Евроцæдисы ауæрæхдæр кæныны фæдыл хыгъдлæвæрд абон ныммыхуыр кодта, кæцы æндæр кандидат бæстæтимæ иумæ Гуырдзыстоны тыххæй дæр ныхас кæны.