Маршæн разамынд дæттынц оппозицийы лидертæ æмæ сæ фарсхæцджытæ
Маршæн разамынд дæттынц оппозицийы лидертæ æмæ сæ фарсхæцджытæ

Оппозицийы лидертæ æмæ сæ фарсылхæцджытæ «Университеты» метройы станцæйæ æмæ «Марджанишвилийы» метройы станцæйæ марш цæуынц. Сæ домæн у ногæй æвзæрстытæ ауадзын.

Митингы хайадисджыты иу хай араст сты Президенты администрацийы ’рдæм, уый фæстæ та цыд адарддæр кодтой филармонийы онг.

Маршы хайадисджыты хъуыдымæ гæсгæ, æмбæстæгтæ хъуамæ райхъал уой æмæ акцитæм баиу уой. Афтæ дæр митингы хайадисджытæ сидынц, цæмæй сæйраг протест хъуамæ уа уыцы бон, кæд æмæ ЦÆК расиддзæн æвзæрстыты кæронбæттæн фæстиуджытæ æмæ парламенты фыццаг рабадт куы æрсидзæн.

Марш фæуыдзæн Хъæбатырты фæзы.