Марнеулийы, Зестафонийы, Зугдидийы, Чъитура æмæ Хулойы æвзарынц мэрты
Абон бæстæйы фондз муниципалитеты уагъд цæуы, мэртæм уæлрадон æвзæрстытæ. Марнеулийы, Зестафонийы, Чъиатурайы, Хулойы æмæ Зугдиды æвзæрстгæнджытæ абон сывзардзысты мэртæ.
Фæнысангонд фондз æвзæрстгæнæн бæстæйы сеппæтæй егъау у Зугдиди, цы ран регистрацигонд сты 120 837 æвзæрстгæнæг æмæ мэртæм 16 кандидат.
99 717 æвзæрстгæнæг регитсрацигонд сты Марнеулийы , кæцытæ сывзардзысты мэры 15 кандидатæй.
Зестафонийы, цы ранг æвзæрстгæнджыты нымæц у 54 943, регистраигонд сты 16 кандидаты, æрмæст Чъиатурæйы æвзæрстгæнджытæ хъуамæ сывзарой мэры 13 кандидатæй.
Сегасæй чысылнымæцон æвзарæнон бæстæ у – Хуло, цы ран регситрацигонд сты 24 123 æвзæрстгæнæг. Уым мэры пост бацахсынæн тох кæнынц 14 кандидаты.
Æвзæрстыты уæлахизгондыл нымад цæуы кандидат, кæцы райсдзæн 50% фылдæр хъæлæстæ. Æндæр цауы та, уагъд æрцæудзæн дыккаг тур.
Уымæй дарддæр ма, мэртæм уæлрадон æвзæрстыты параллелонæй, аст муниципалитеты уагъд цæуынц æхсæйнаг æвзæрстытæ бынæттон хæдуынаффæйы оргæнтæм – Сакребуломæ: Сагареджо, Адигени, Зестафони, Чъиатурæ, Тъхъибули, Цъхъалтубо æмæ Озургети.