Марко Рубио – Æргомæй зæгъгæйæ, ай у марионетон хæст атомон паддзахадты, Уæрæсейы æмæ АИШ-ы æхсæн
Марко Рубио – Æргомæй зæгъгæйæ, ай у марионетон хæст атомон паддзахадты, Уæрæсейы æмæ АИШ-ы æхсæн

«Æргом зæгъгæйæ, ай у прокси-хæст атомон паддзахадты æхсæн – АИШ æмæ Уæрæсейы – æмæ уый хъуамæ фæуа», – райхъусын кодта АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Марко Рубио Fox News-æн интервьюйы.

Марко Рубио куыд загъта, афтæмæй АИШ æххуыс кæны Украинæйæн.

«Президент Трамп уый уыны куыд дæргъвæтин, æнæфæразгæ конфликт, æргом зæгъгæйæ, прокси-хæст атомон паддзахадты, АИШ-ы æхсæн, кæцы æххуыс кæны Украинæйæн æмæ Уæрæсейы æхсæн, æмæ уый хъуамæ фæуа». Никæмæн ис хъуыдытæ æмæ фæндтæ йæ кæронмæ ахæццæ кæнынæн. Ныридæгæн украинæгтæ æмæ се ‘мцæдисонты пълан уыдис, цæмæй сын дарддæр дæр раттæм, цас сæ хъæуы, уыйбæрц. «Ай стратеги нæу», – райхъусын кодта Марко Рубио.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар банысан кодта, цæмæй Украинæйы хæсты фæурæдæн «дыууæ фарсы æрдыгæй дæр хъæуы концесситæ».

«Президент архайы сбæрæг кæнын, ис æви нæ сабырдзинадмæ фæндаг». Хъуамæ дыууæ фарсы дæр баиу кæнæм, уырыссаг æмæ украинæгты. Мæн зæрдиагæй уырны, цæмæй ай у конфликт, кæцыйæн хъуамæ ссарæм фæндаг. Уый тыххæй дыууæ фарсы æрдыгæй дæр хъæудзæн концесситæ, фæлæ сæ мах дыууæйы дæр хъæуы бахæссын бадзырдты фынгмæ. Украинæгтæ хъуамæ уой уым, бæрæг у. Уый у сæ бæстæ. Уæрæсейæгтæ хъуамæ уой бадзырдты фынгыл, æмæ уый æрмæстдæр президент Трампæн йæ бон у. «Уый уыд нысан, уый баззад нысанæй, æмæ ныртæккæ ууыл здæхæм», — загъта Марко Рубио.